суббота, 13 апреля 2013 г.

Письмо ветеранам







Зынаргъ хæсты ветерантæ, фæсчъылдымы фæллойгæнджытæ!
                      Рæстæг тагъд  згъоры. 9 Майы 68 азы сæххæст уыдзæн,Берлины рейхстаджы сæрмæ Уæлахизы Сырх  тырыса  куы сфæйлыдта, уыцы стыр бæрæгбоныл. Æмæ цас фылдæр рæстæг цæуы, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы райдыдта, уыцы тугкалæн бонтæй,уыйас арæхæй-арæхдæр æрæмысæм  Уæлахизы бон.
          Уыцы Уæлахизмæ бирæ тугвæндæгтыл фæцыдыстут, нæ буц хъæбатыр хæстонтæ,бирæ хъæутæ, горæттæ суæгъд кæнын уæ бахъуыд знæгтæй. Æмæ алы ран дæр уæхи æвдыстат хъæбатырæй æмæ æхсарджынæй. Бирæ бæстæты бон не ссис ахæм цыфыддæр тыхджын знаджы ныхмæ æрлæууын. Фæлæ сымах,нæ намысджын хъайтар хæстонтæ, хæсты фыццаг бонтæй фæстæмæ хъæддых фæлæууыдыстут зæххы къори йæхи бакæнынмæ чи хъавыд, уыцы фашистты ныхмæ æмæ сын цæхгæр æрæхгæдтат сæ фæндæгтæ. Бæрзæйсæттæн цæф ныккодтат æрбалæбурæг фашисттæн, æмæ фæуæлахиз стут  историйы æппæты тыхджындæр æмæ тæссагдæр  знагыл.
            Цыппар азы дæргъы иу бон дæр нæ банцадысты тугкалæн хæстытæ. Райдай Баренцы денджызæй æмæ фæу Кавказы хæхтæй – уыцы тугуарæн тохты дыууæрдыгæй чи архайдта, уыдон уыдысты 12 милуан адæймаджы бæрц,дыууæрдыгæй фронты архайæг танкты, хæдтæхджыты нымæц  хæццæ кодта дæсгай минтæм, алыхуызон артиллерион хæцæнгæрзтæн, æндæр техникон фæрæзтæн æмæ миномёттæн та банымайæн дæр нæ уыд. Уыйбæрц стыр техникæ æмæ уыйбæрц адæм кæм архайдта, ахæм хæст уымæй размæ дунейы историйы никуыма уыд.
          Гитлерон Герман, цыбыр рæстæгмæ Европæйы стыр хай бацахсгæйæ, хъавыд Советон Цæдисы дæр афтæ бацахсынмæ æмæ нæ зæххытæ йæхи бакæнынмæ. Фæлæ фашисттæн сæ фæндтæ митын мæсгуытау атадысты, сæ пълантæ фæсыкк сты.
        Бар  нын радтут , цæмæй зæрдиаг арфæ ракæнæм сымахæн æмæ нæ хæстонтæн- фронтовиктæн, нæ  хæстонтæн- уæлахизæрхæсджытæн, партизанты  къордты фашистты ныхмæ  чи хæцыд, фæсчъылдымæй нæ хæстонтæн чи æххуыс кодта , уыцы фæллойгæнджытæн, не стыр Уæлæхизмæ стыр æвæрæн чи бахаста, уыдонæн се 'ппæтæн дæр. Сымах æмæ уе 'дзард æмбæлтты тугæй æлхæд у ацы стыр Уæлахиз.
             Ирыстоны  ахæм  бинонтæ  нæ разындзæн, æмæ уыцы  æнахъинон хæсты цæхæртæ кæй нæ басыгътой, хъыгдард дзы чи нæ баййæфта. Райгуырæн бæстæйы сæраппонд, фыдызнаджы ныхмæ хæцгæйæ, нæ зынаргъ ветерантæ, уе 'мбæлттæй бирæтæ æнустæм хуысгæйæ баззадысты тохы быдыры. Хæстæй чи нал сыздæхт,уыдон рухсаг уæнт,мах сын сæ рухс нæмттæ нæ зæрдыл дардзыстæм.
              Уыцы тугкалæн хæсты цы стыр лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдыстат,уый махæй рох никуы уыдзæн,æмæ махæй алчидæр нæ хъæбатыр хæстонæн кæндзæн стыр аргъ.
             Абон мах  сæрыстыр стæм сымахæй. Уæ хæстон сгуыхтдзинæдтæ,æфсæддон намыс æмæ мидисджын цардвæндаг мах ахуыр кæнынц патриотизм æмæ рæсугъд æгъдæуттыл. Сымах стут абон не 'хсæнады фидауц!
           Æмзонд, æмхъару æмæ æмвæнд куы уæм, уæд фæуæлахиз уыдзыстæм цавæрфæнды хæрамдзинад æмæ фыддзинадыл дæр.
            Нæ зæрдæ уын зæгъы æнæниздзинад, фæрныгад æмæ ныфс. Зонæм æй, æнæ сымах цард фæмæгуырдæр уыдзæн, баивайдзæн. Уымæ гæсгæ мах фæнды, цæмæй ма нын бирæ азты дзæбæхæй цæрат. Уæлахиз ут, нæ уæлахиздзаутæ!


                                                                                          
                                                                           

Комментариев нет:

Отправить комментарий